Бирaeтaeм афтae кaeсы, aeмae наукaeйы aeрмaeст нaeлгоймaeгтae кaeй хъуамae уой. Фaeлae историйыл нae цaeст куы ахaeссaeм, уaeд дзы сылгоймaeгты бавaeрaeн дaeр къаддaeр нaeу. Нae студийы уазджытимae дзырдтам, наукaeйы цы сылгоймaeгтae ис, уыдоны профессионалон боныл. Ацы темae нын фадат радта ноджыдaeр ма иу aeрхъуыдыджын адaeймагимae базонгae уaeвынaeн. Нырма скъоладзау у, фaeлae ныридaeгaeн йae зонд цы кaeрды, уыдонмae кaeсгaeйae адaeймаг фaeныфсджын вaeййы. Гaeнaeн ис, aeмae уae базонгae кaeндзыстaeм, искaeд йae ном кaeмaeн айхъуысдзaeн, ахaeм лaeппуимae. Хонaeм ма уae аргъaeутты дунемae дaeр. Равзaeрстам, ирон сфaeлдыстадон къaeбицы тaeрхaeджытыл бaeрaeг чи дары, уыцы хай. AEма мачи зaeгъaeд, аргъау aeрхъуыды кaeнын уадиссаг нaeу, зaeгъгae. Цы арф хъуыды фaeхaeссы, уый ахады рaeзгae фaeлтaeры зондахастыл. Цардаразджытae та фидaeны уыдон уыдзысты. Выпуск от: 11.02.2025 _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv ok.ru/irystontv / irystontv zen.yandex.ru/irystontv t.me/irystontv